Урочы темæ: Хетæгкаты Къоста «Фæззæг»

Разделы: Краеведение, Конкурс «Классическая литература в современной школе»


Урочы нысан:

  • Базонгæ кæнын скъоладзауты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæимæ «Фæззæг»;
  • Бакусын скъоладзауты ныхасы рæзтыл;
  • Сабитæн бауарзын кæнын Къостайы æмдзæвгæтæ кæсын.

УАА: коммуникативон, удгоймагон, регулятивон.

Урочыфӕлгонц: чиныг «Ирон фæндыр», «Мах дуг», скъоладзауты уагъд газет, нывтæ, интерактивон фӕйнӕг, карточкатӕ, призентацион ӕрмӕджытӕ.

Урочы цыд

1. Организацион хай

А) Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

- Сывæллæттæ, цы уын уыд лæвæрд абоны урокмæ? (скъоладзаутæ дзурынц сæ биографи нымæцонтæй пайдагæнгæйæ).

Æ) Беседæ

- Сывæллæттæ,зæгъут-ма афæдзы мидæг цал афоны ис? Ранымайут сæ?

- Ныр афæдзæн йæ кæцы афон у?

- Ранымайут фæззæджы мæйтæ.

- Зæгъут-ма цы ивддзинæдтæ æрцæуы фæззæджы æрдзы мидæг?

Б) Физминуткæ.

2. Мотиваци

Презентаци. (Æвдыст цæуынц Къостайы нывтæ æмæ фæззæджы нывтæ.)

- Уæдæ нæ урочы цавæр афæдзы афоны тыххæй дзурдзыстæм?

- Кæй кой кæндзыстæм?

Къостайы тыххæй тынг бирæ дзурын æмбæлы. Къостайы ном рох нæу.

3. Фонетикон куыст

А) Раст дзур (чиныгæй æвзарын)

Фарс 62, 2 фæлтæрæн

4. Ног æрмæг

- Алы аз дæр иу фæззыгон мæйы, ома Кæфты мæйы 15-æм боны, уæлдай циндзинад æрхæсы ирон адæмæн. Уымæн æмæ уыцы бон райгуырд Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.

- Чи уыдис Къоста?

- Радзурут ма йæ царды хабæрттæй исты.

- Цавæр чиныджы æрцыдысты æмбырдгонд Къостайы æмдзæвгæтæ?(«Ирон фæндыр» равдисын)

- Чи уæ радзурдзæн Къостайы æмдзæвгæтæ?

а). Лексикон-дзырдуатон куыст.

- Абон мах базонгæ уыдзыстæм Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæимæ «Фæззæг». Уымæ гæсгæ нæ бахъæудзысты ног дзырдтæ æмæ ма сæм фæйнæгмæ æрбакæсут.

Тæлмац кæнын - переводить
Мигъ - туча,туман
Цæгат - север
Æхсæлы - можжевельник

Лæджирттæг - птичья гречиха
Хор - хлеб (зерновой)
Мус - гумно (сарай для сжатого хлебо)

æ). Æмдзæвгæимæ куыст

1. Ахуыргæнæг аив кæсы æмдзæвгæ.

2. Æмдзæвгæйы анализ

- Цæй тыххæй цæуы ныхас æмдзæвгæйы?

- Цы зæгъы Къоста æхсæлы æмæ лæджирттæджы тыххæй?

- Цæуыннæ уал тавы хур цæгат?

3.Скъоладзаутæ радыгай кæсынц æмдзæвгæ

4. Æмдзæвгæйы алы дзырд дæр адих кæнын уæнгтыл.

5. Хæдзармæ куыст

1) æмдзæвгæ сахуыр кæнын.

2) скæнын ныв æмдзæвгæмæ.

6. Рефлекси

  • Урочы темæ….
  • Æз абон базыдтон ….
  • Зын мын уыдис…
  • Мæ зæрдæмæ фæцыд….